Коста Хетагуров - Ирон фæндыр. Страница 2

Æнæ хай

Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй   Фæластон мæ сау зæрдæ дард…Цы ма мын кæндзынæ? – Дæ цæстытысыгæй   Æнæ хай фæуыдзæн мæ мард!..

Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ   Æхсныфæй нуазынц мæ туг…Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ,   Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?

Кæй чызг мыл ыскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг,   Кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх,Кæй фæндыр ысцæгъддзæн мæ иунæджы зарæг,   Чи уадздзæн мæ дугъы йæ бæх?

Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй   Фæластон мæ сау зæрдæ дард…Цы ма мын кæндзынæ? Дæ цæстытысыгæй   Æнæхай фæкодтонмæ мард!..

Æнæ фыййау

Хорз фыййау пыхсы дæр ары йæ фосы фæд,   Рындзыл нæ кæны фынæй…Фесæфай, фесæфай, уастæн, нæ фæсивæд, —   Иу бахъаггæнæг дæ нæй!

Тар хъæдмæ бацыддæ, пыхсы ныдздзæгъæл дæ, —   Стонг фосæй сонтдæр, зыддæр, —Иугæйттæй агурыс фароны хæтæлтæ,   Стонг фосау сæфыс ды дæр!..

Гъæй, джиди! Искуы дæ фыййау куы разарид   Иу сау къæдзæхы сæрæй!Хорз фосы дзугау дæ иумæ куы равзарид   Исчи йæ фарны хъæрæй!..

Салдат

Удæнцой ма фена, махæн нæ цардывæнд   Чи халы барынвæндæй!..О, мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд, —   Цухъхъатæ дарæн мын нæй!..

Морæ фæсбынæй дæ буц хъæбулы зæрдæ   Нал ысрухскодтай, мæ мад! —Исчи дæ фыртæн куы асæтта йе фсæртæ,   Додой, куы райса йæ над!

«Стонгæй мæлын, гыцци!» – никæмæ бадзурдзæн, —   Буц хæринагæн ын – кас…Талынг къазармайы къуымы-иу батулдзæн,   Сау хъæмп – йæ гобан, йæ баз…

Иртæст йæ дзыллæйæ, уайтагъддæр базондзæн   Фидиссаг цардæн йæ ад;Усгур лæппуйау дæ ницæуыл бадомдзæн, —   Хорз уа, æвзæр уа – салдат!

Исчи куы ныммара искуы дæ дарæджы, —   Чи ма йын райсдзæн йæ туг?Ракæн-иу, ракæ йæ сагъæс дæ хъарæджы,   Аргæвд-иу хистæн нæ хъуг!..

О, мæ ныййарæг, уæд дын æз æрбамæлон,   Ма ку!.. Фæуыром дæхи!..Фенæм уал… Фесæфæд сау лæппу цардбæллон, —   Чи мæ цы айса – йæхи!..

Додой

Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!Зæй уæ фæласа, нæ тæрхонылæгтæ, —Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!..

Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд,Искæмæ бахъарæд адæмы хъыг,Дзыллæйы мæстæй уæ исчи фæриссæд,Иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!..

Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой,Рухс кувæндæттæй хынджылæгкæнынц,Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой,Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц…

Иугай ныййыстæм, ныууагътам нæ бæстæ,Фос дæр ма афтæ ныппырхкæны сырд, —Фезмæл-ма, фезмæл, нæ фыййау, нæ фæстæ,Иумæ нæ рамбырдкæн, арфæйы дзырд!..

Оххай-гъе! Не знаг нæ былмæ фæтæры, —Кадмæ бæлгæйæ æгадæй мæлæм…Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, —Гъе, мардзæ, исчи! – бынтон сæфт кæнæм!

Катай

Мæ хæлар, мæ уарзон, æнæзонгæ уарзон!Цы номæй дæм бадзурон, уый ма мын зæгъ?..

Мæ зæрдыл дæ дарын цы ныфсæй фæразон,Мæ райгуырæн бæстæ, мæ фыдæлты зæхх?

Мæ райгуырæн бæстæ! Дæ айнæг къæдзæхæй,Дæ фидар, фæлтæрд риуæй хъусын хъæрзын…

Мæ хæлар, мæ уарзон! Дæлзæххæй, уæлзæххæй,Кæмдæриддæр дæ, – тагъд мæ хъæрмæ фæзын!..

Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы, – куы бамбæхсай барæй,Уæд усы кæрдæны мыггагмæ фæхæт!..

Мæ мæгуыр Ирыстон! Æрцæуæг æлдарæй,Тыхгæнæг хæддзуйæ дæ ма уæд, ма, мæт?

Тыхгæнæг хæддзумæ кæд искуы фæндонæй,Æууæнккагæй радтай, рæстæнхъæл, дæ бар?..

Мæ хæлар, мæ уарзон! Ныммæл мын фæсмонæй,Ды искуы хæддзуйæ куы скæнай æлдар!..

Сидзæргæс

Халон баргъæвст сындзыл.Уад тымыгъ хæссы…Сау айнæджы рындзылНарыхъæу хуыссы…

Даргъ æхсæв фыдбонæйЦардудæн хуыздæр…Рухс цæуы кæронæй, —Бадынц ма кæмдæр…

Иу зæронд ыскъæты, —'Гас хъæуы уæлдай,Аззади фæсфæдыАцы бæстыхай, —

Ма дис кæ йæ бадтыл! —Цуайнаджы уæлхъусАрхайы йæ артылИу саударæг ус.

Артдзæсты кæрæтты,Фæныкмæ æнгомБадынц сывæллæттæ, —Чи бæгънæг, чи гом…

Уазал æмæ стонгæйБирæгъ дæр тæрсы, —Удхæссæг æввонгæйАхæмты хæссы…

– Ма кæут, мæ хуртæ, —Дзуры цæм сæ мад, —Афыцой хъæдуртæ…Абадут æнцад!..

Митæйдзаг æхсæлыМары фæздæгæй…Цæстысыг ызгъæлыАгмæ сусæгæй…

Хъуырмæ схæддзæ хъарæг:«Дудгæ фæбадаЗæйы бын нæ дарæг,Мах чи фæсайдта!..

Фондзæй уæ ныууагътаИу ныййарæгæн, —Мады зæрдæ скъахта, —Царæфтыд фæдæн!..

Зондæй мыл фæтых дæ,О, мæ лæджы хай, —Сидзæртæй фæлыгътæИнгæнмæ тæргай!..

Буц хъæбул дæм дзуры, —Сфæлмæцыд йæ мад, —Махæн дæр дæ цурыСцæттæ кæ бынат!»

Цæстысыг ызгъæлыАгмæ сусæгæй…Митæйдзаг æхсæлыМары фæздæгæй…

Бафæллад кæуынæйБинонты кæстæр, —Къонайыл æрфынæйАдæмы хуыздæр!

Иууылдæр дæ адылТулдзысты, фæлæу! —Стонг æмæ фæлладылТых хуыссæг кæм нæу!..

– О. гытци кæд уыдзæн?Райс-ма, цæй, дæ аг!..– Абадут!.. ФæуыдзæнАлкæй дæр йæ фаг…

Аг кæлы йæ былтæй, —«Хъæдуртæ» фыцынц…Алы ран тымбылтæйСидзæртæ хуыссынц…

Стонг æмæ кæуынæйЛæг куы сфæлмæцы,Тарф у уæд йæ фынæй, —Маст æм нал хъуысы.

Лыстæнмæ цæ хастаМад йæ хъæбулты,Æдæрсгæ цæ нуæрстаАлы бызгъуырты…

Скодта цæ рæбынæй,Дæлфæдтæм æрбадт…Гъай-да-гъа! КæуынæйНал æфсæст сæ мад!..

Сидзæртæн хъæдуртæСе 'хсæвæр хуыдта,Афтæмæй цын дуртæЦуайнаджы фыхта:

Афыцын æфсоныБайрох уа сæ хæрд…Стонг æмгъуыд нæ зоны,Иу сайд ын æгъгъæд!..

Хъуыбады

Сæрдæй, зымæгæй,Гуыбыр, тызмæгæй,Йæ кæрцы мидæг,Ныхасы бадыЗæронд Хъуыбады,Нæ фæндырдзæгъдæг…

Кæйдæр дзæгъæлзад,Лæппуйæ баззадЙæ сау бындурыл…Кæдæм-иу бафтыд,Уым-иу фæкафыдКæрдзыны мурыл…

Бæгънæг, бæгъæввад,Ыстонг, уысмæн надХуыцауы рæстæй!Цъыфæй ныррæсыд, —Хæфсытæ уасыдЙæ къахы скъуыдтæй…

Бын бауай, иунæг,Дзыллæтæй иу лæгКæй нæ рæвдыдта!Фæсмон фæкæна,Мæрдты дзыназа,Дæу чи ныййардта!..

Дæу урс æхсырæй,Дæу худгæ-хурæйЧи нæ бафсæста!Дæу цардуалдзæджыЙæ хъарм хъæбысыЧинæ ауызта!

Фыййау куы уыди,Уæд-иу хуыссыдиТæдзгæ-ыскъæты;Мит-иу куы уарыд,Уæд-иу ныззарыдКъæдзæхлæгæты…

Уæд фос куыд уарзта? —

Конец ознакомительного фрагмента.