Коста Хетагуров - Ирон фæндыр

Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста

ИРОН ФÆНДЫР

Ныстуан

Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг,Кæуæгау фæкæса, мыййаг, —Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,Уый зарæд йæхи фæндиаг!..

Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,Куы бафидин искуы мæ хæс,Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс…

Сагъæс

Мæ удылхæцæгÆнæ æнцой уа,Мæ мады зæнæгМæ мардыл кæуа!

Куыд зæхмæдзыд дæн,Куыд фыдуаг хæссын, —Мæ фыдæн фыртæнЦæуылнæ бæззын?

Хъæубæстæй – хъоды,Æмгартимæ – сырд,Ныхасы – гоби, —Нæ мæ хауы дзырд.

Мæ зонд, мæ фæндылНæ лæууы кæстæр,Кæстæр мæ фæдылНæ цæуы хæстмæ.

Бæсты сæрвæлтауНæ кæлы мæ туг;Хæссын, къæлæтау,Цагъайраджы дуг!..

Ныфс

Тызмæгæй мæм ма кæс,Мæ фыды зæронд,Дæ зæрдæмæ ма хæссМæ зæрдæйы конд!

Йæ фыды фæндиагКæм вæййы фырт дæр? —Лæппуйæ рæдиагНæ вæййы æвзæр!

Дæ номыл, дæ кадылНæ барын мæхи, —Ныууадз мæ мæ адыл, —Фæндон хорз кæм и?!.

Æз топпæй нæ хъазын,Æз барæг нæ дæн;Æхсаргард æсласынМæ бон нæу мæнæн…

Фæхудæнт мыл хъалтæ,Ды се 'мбал нæ дæ!Мæ гутон, мæ галтæ —Мæнæн дæр цæттæ!

Мæ гутон, мæ галтæ —Мæ фæндыр, мæ зонд;Мæ кадæг, мæ зарæг —Мæ цард хоры конд.

Нæ дзыллæйы зæрдæ —Мæ хуымгæнды хай;Нæ бæсты сагъæстæ —Мæ фæззыгон най…

Дзаг хорæй мæ хордон,Бæркадджын мæ зæхх,Хæдтулгæ мæ уæрдон,Мæ фæндаг уæрæх…

Мæгуырæй мын ма тæрс,Мæ фыды зæронд, —Дæ зæрдæмæ ма хæссМæ зæрдæйы конд!..

Гъæй, джиди!

 Бирæ фæлмæн тынтæ зæрдæ нывæнды, —   Бар ма йын радт!..Бирæ цыдæртæ мæгуыры фæфæнды   Иуæй-иу хатт.

– Гъæй, джиди, – афтæ фæзæгъы йæхицæн, —   Искуы æздæрАдæмы фарнæй куы скæнин мæхицæн   Кад æмæ сæр!

Тарфдæр мæ зæрдæ йæхимæ куы хæссид   Искæй зынад,Дунейы хæрзтæй хуыздæр мæм куы кæсид   Уарзондзинад!..

Азар!

 Æз дæ зарынмæ куы хъусын,Уæд хъæлдзæгдæрæй фæкусын,   О, мæ хуры хай, —   Азар-ма, чызгай!..

Мах бар нал æсты нæ сæртæ…Азар, цалынмæ дæ зæрдæ   Не ссау фырмæстæй,   Адæмы мæтæй!..

Адæмæн зæхх у сæ дарæг…Азар!.. Ракæ мыл-иу хъарæг, —   «О, мæ бон, – иу зæгъ, —   Байстой нын нæ зæхх!..»

Нал дæ бахъæудзæн ныр рувын..Азар!.. Сахуыр мæ кæ кувын!..   Ма фæлидз тæргай,   О, мæхурыхай!..

Фесæф!

Фесæф, фесæф, цард,Сау лæппуимæ,Тагъд дæлдзæх фæуМе 'намондимæ! —

Калмау мын мæ риуСудзгæ баууыддтаМаст – зæрдæхалæн,Йæ тых басæтта!

Афæлывта мæСауæрфыг рæсугъд…О, мæ худинаг,О, мæгуыр мæ уд!..

Дзырд Хуыцауы разРадта иннæмæн, —Къухæй нал ласыНыр йæ къухдарæн…

Гъей, чызгай, цæмæнАфæлывтай мæн?!.Цæй, дæ Хуыцау дынУæд тæрхонгæнæг!..

Даргъ хæххон зымæг,Уалдзыгон бонау,Ныр æрымысын.Æз, фынфенæгау…

Кæд кæрæдзийыФаг нæ рæвдыдтам?Кæд кæрæдзийæнФаг нæ фæдзырдтам

Уарзон ныхæстæ,Цард æнхъæлæджы?!..Гъей, цы хъал уыддæнУыцы рæстæджы!..

Ныр дæу чи хæссы,Уый йæ лæджыхъæдМемæ бавзарæд,Кæд хуыздæр у, уæд!

Йе – йæ топпæй хъазт,Йе – йæ бæхыл бадт,Йе – йæ кæсгон кафт,Йе – йæ цæгъдгæ зард!.

Дæу сырх дарийæХорз æсфæлыста!Дæу сызгъæрин ронНарæг балвæста!..

Риуы 'гънæджытæХъазынц стъалытау…Уæд дæ хæрдгæхыуд,Уæд дæ алы 'гъдау!…

Фесæф, фесæф, цард,Сау лæппуимæ,Тагъд дæлдзæх фæуМе 'намондимæ!

Калмау мын мæ риуСудзгæ баууылдтаМаст – зæрдæхалæн, —Йæ тых басæтга!

Зонын

Зонын, æфсæрмæй кæудзыстут,Бавæрдзыстут мын мæмард,«Рухсаг у, рухсаг, – зæгъдзыстут,Ницæмæн уал уыд дæ цард!»

Зонын, æргæвддзыстут исты, —Мардыл ма чи дары ком? —Алчи æфсæстæй мæ хистыСсардзæн арахъхъæй мæ ном.

Иу бон æгъгъæд у мысынæн,Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,Уый фæстæ ферох уыдзынæн, —Ничи уал зондзæн мæ цырт.

Тæхуды

Тæхудиаг, буц хъæбулæйЙæ уалдзæджы царды хурæйЧи бафсæст йæ мады хъæбысы!Тæхуды, æрæгвæззæджы,Хъæлдзæгæй æнкъард рæстæджыЙæ рагуалдзæг хорзæн чи мысы!

Тæхуды, йæ фыды зæххыл,Йæ уарзон æмгарты рæгъылКæмæн хъуысы дардмæ йæ зарæг!Тæхуды, йæ гутонимæ,Хæрзифтонг бæхуæрдонимæЙæ бинонтæн чи у сæ дарæг!

Тæхуды, йæ дзыллæйы разЧи ракæны барджын ныхас,Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй!Тæхуды, йæ уарзондзинад,Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад,Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй!..

Хæрзбон!

Ифтонг хызынæй, лæдзæгæй, æрчъитæй,Скодтон уæрдæхæй дзыхъыннæуæг рон,Ис ма цыдæртæ мæ кæрцы фæдджитæй…Дард у мæ фæндаг… Зæгъын дын: хæрзбон!..

Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры,Рагæй дæ кодтон мæ уындæй тæрсын;Зонын, дæ зæрдæ куыд ризы мæ цуры,Хъусын ныр дæр ма йæ сусæг хъæрзын…

Гъеныр хæрзбон, мæ хур!.. Нал мæ уындзынæ,Дардмæ дæ хæддзуйы мацæуыл дом!Райсом мæ цæстæнгас ферох кæндзынæ,Ферох кæндзынæ иннæбон мæ ном…

Чи зоны, искуы æрыфта дæ зæрдылИунæджы сагъæс, мæгуыры бæллын, —Чи зоны, искуы куы уайа дæ цæстыл —Уазал æхсæвы фæндагыл мæлын, —

Ма иу фæтæрс, чызгай! Ахæм фыдфынтæДардæй дын амонд хæсдзысты уæддæр, —Исчи та исы йæхимæ дæ рынтæ,Исчи дын хъары нывондæн йæ сæр…

Хонын æмбалæн нæ фыдбылыз мемæ, —Тагъддæр мæ балцæн йæ фæстаг кæронУый «фæндарастæй» кæд ссарин æз йемæ..Ма фæфæсмон кæ!.. Хæрзбон у, хæрзбон!..

Мæгуыры зарæг

Адæмæн сæ рæсугъд уæттæХъармæй, райдзастæй лæууынц,Махæн та нæ сывæллæттæУазал лæгæты кæуынц…

Адæмæн сæ чындзхонты хъазтХæхтæ, къæдзæхтæ хæссы,Махæн та нæ гæдыйы уастМардыл кæуæгау хъуысы…

Адæмæн сæ цæхджын фыдтæЦарæй фæныкмæ тæдзынц,Махмæ та хæлынбыттыртæЦары ахсдæттæ кæнынц…

Адæмæн сæ фæззæджы куыстНе 'ссы афæдзмæ куырой,Махæн та нæ афæдзы мызд —'Гасæй иу хоры кæфой!..

Мæгуыры зардæ

Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы, —Лæджы æмбæрц æруары мит;Æфцæгæй коммæ уад дзыназы;Их доныл саразы йæ хид.

Æхсæвæн нæм кæрон нæ вæййы…Тæхудиаг кæм нæ у сæрд!Сæнар кæмæ нæй, уый ныссæйы, —Цырагъ нæм чи судзы фæсхæрд?!.

Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн, —Йæ сихор, йе хсæвæр – йæ мæт;Иæ уат – ыскъæт, зыгуым – йæ лыстæн,Хъæбæр – йæ цъæх хуыссæн нымæт…

Кæд рухс нæ баййафы йæ цардæй,Йæ бон кæд арвиты зынтæй, —Уæддæр нæ ныххуыссы æнкъардæй —Йæ зæрдæ хъал вæййы фынтæй.

А-лол-лай!

Къух дæ ауызын фæразы…Мæй дæ авдæнимæ хъазы.   Стыр лæг мын ысуай!..    А-лол-лай!..

Ракæндзынæн дын мæ зарæг…Искуы кæд ысуис мæ дарæг,   Урс уæрыкк дын уон!..    О, мæ бон!..

Зындонæй фыддæр нæ цæрæн…Нал у ныр дæ фыд йæ сæрæн   Сау хæххон куыстæй…    Ахуысс, цæй!..

Искуы мын куы схъомыл уаис,Уæд ды дæр дзы цух нæ заис,   Бирæ мын цæрай!..    А-лол-лай!..

Скæнис хъугдзармæй æрчъитæ,Къахис митбынæй мæхъитæ,   Стонг æмæ сыдæй…    Ахуысс, цæй!..

Сугтæ мын хæссис æргъомæй…Бадзурин дæм уæд æргомæй:   Мады зæрдæ зон,    О, мæ бон!..

Бадзурин дæм: уарз нæ бæстæ,Ма цæ суæлдайкæ нæ фæстæ,   Ма цæ бафæллай!..    А-лол-лай!..

Марды уæлхъус

Фæндараст!.. Фервæзтæ нæ мæтæй —Хуыцауы мацæмæй уал дом! —Мæрдты дын хай уыдзæн дзæнæтæй,Уæлæуыл баззайдзæн дæ ном.

Лæппуйæ базæрондмæ царддæМæстджынæй адæмы мæстæй;Æхсæв цырагъдарæй фæхаттæХæларæй, уарзонæй, рæстæй…

Дæ мадау бауарзтай нæ бæстæ,Фæцыддæ мæгуыртæн фыййау…Цæмæй дын фиддзыстæм дæ хæрзтæ,Цæмæй дын раддзыстæм æгъдау?!.

Фыдæй фыртмæ нæ уд, нæ зæрдæДæ рухсæн хъардзыстæм, бæргæ,Фæлæ та сагъæссаг нæ сæртæ,Дæ фæстæ чи баззад кæугæ!..

Ракæс!

Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд,Нæ зонын мæ мады рæвдыд,Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй.Кæмдæрты æнæсæронæй,Æдыхæй, æцæгæлонæй,Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй…

Фæхæссон-ма, загътон, уæддæрФæстæмæ мæ иунæджы сæрМæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм…Мæ цæстысыг донау мызти,Мæ зæрдæ фырцинæй рызти, —Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм.

Æрцыддæн… Мæхицæй фыддæрМæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!..Нæ хæхтæй, нæ тыгъд быдыртæйÆмхуызон нæ иуæн дæр нæй, —Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм!..

Лæджы хуызæн лæг нæм – ыстæм,Бæрæг дæр нæ нал ис, цы стæм,Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг? —Кæдæмдæр ма хилæм куырмæй…Гъе, Уастырджи, ракæс, цæмæйНæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!..

Æнæ хай